Account
IRON ARGHAW

IRON ARGHAW

«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг

Username
@ironarghaw
Category
Art
Country
RussiaRussia
Subscribers1,0550 in 1 day
Avg views per post, 7d51last 7 days
ERR4.82%last 7 days

Subscribers, 30 days

Nov 27 – Nov 280 (0%)

Show as table
DateSubscribers
Nov 27, 20261,055
Nov 28, 20261,055

Average views per post by day

By publication day

Show as table
DateAvg views per post
Oct 30, 2026186
Nov 2, 2026176
Nov 7, 2026179
Nov 23, 202660
Nov 27, 202645

Most viewed this month

  1. 01
    Views208
    Forwards—
    Reactions4
    Comments—
  2. 02
    Views186
    Forwards—
    Reactions3
    Comments—
  3. 03
    Views176
    Forwards—
    Reactions4
    Comments—
  4. 04

    Циндзинады иуӕй-иу домӕнтӕ.         1. Циндзинадмӕ цӕуын хъӕуы ӕмбӕлгӕ хуызы, бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕсы. Ӕрдӕгбӕгънӕгӕй, спортивон дзаумӕтты чи бацӕуы, уыдон ӕфхӕрынц фысымты, худинаг кӕнынц сӕхи ӕмӕ сӕ мыггӕгты.         2. Цины фынг у кувӕн, уаз бынат, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕхи хъуамӕ дара уымӕ гӕсгӕ.         3. Бинонтӕй иу фынгыл иу лӕгӕй фылдӕрӕй бадын не’мбӕлы.         4. Ӕнӕус лӕппуты хистӕртимӕ бадын кӕнын раст нӕу. Худинаг у уыцы фынгыл лӕгтимӕ сывӕллоны бадын кӕнын дӕр.         5. Фыдыфыд, фыд, фыдыфсымӕр, хистӕр ӕфсымӕр цы фынгыл бадой, уым ӕрбадынӕй лӕг ӕгад кӕны уыцы хистӕрты.         6. Нӕлгоймагӕн йӕ чызгимӕ хъазты кафын не’мбӕлы, у худинаг.         7. Искӕй агуывзӕмӕ цӕст дарын, карз нозтӕй тых кӕнын, чи цас ӕмӕ цы нуазы ууыл дзурын сты лӕг ӕфхӕрӕн, ӕнӕгъдау митӕ.         8. Цины фынгыл кӕнӕм кувгӕ, уадзӕм сидтытӕ ӕмӕ гаджидӕуттӕ. Рӕгъытӕ вӕййынц зианы фынгыл.         9. Хуыцаумӕ ӕртӕ хистӕры дӕр хъуамӕ кувой бӕгӕныйӕ. Карз нозтӕй кувын раст нӕу.         10.Хуыцаумӕ, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕм кувӕм лӕугӕйӕ, худаистӕй. Сидтытӕ ӕмӕ гаджидӕуттӕ ис нуазӕн бадгӕйӕ дӕр, хистӕры фӕндмӕ гӕсгӕ.           11.Чындзӕхсӕвы, чызгӕрвысты, куывды хистӕрты раз цы кувинаг ӕртӕ чъирийы ӕвӕрӕм, уыдон хъуамӕ уой конд хӕдзары, сӕрмагондӕй Хуыцауы номыл.         12.Цины фынгыл нӕй зианы ӕгъдӕуттӕ кӕнӕн: рухсаджы рӕгъ уадзӕн, фынгмӕ нозтӕй калгӕйӕ хойраг хӕлар кӕнӕн, лӕугӕйӕ зӕгъыны фӕстӕ бадгӕйӕ нуазӕн.         13.Не’мбӕлы нуазӕн, хай, хӕрӕнгӕрзтӕ галиу къухӕй дӕттын ӕмӕ исын.         14.Фынгыл не’мбӕлы тамако дымын, ӕнӕфсарм ныхас кӕнын.         15.Худинаг у цинмӕ нозтджынӕй бацӕуын, фынгӕй расыгӕй сыстын, дыууӕ хатты фынгыл ӕрбадын.     16.Хистӕры куывдыл, сидтыл, гаджидауыл не’мбӕлы бирӕ дзурын, уымӕй адӕмы раз дзырдарӕхстдзинад ӕвдисын.         17.Не’мбӕлы цины искӕмӕ цӕхгӕр дзурын, хыл кӕнын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын.         18.Бинонтӕн худинаг у адӕмы куывдмӕ ӕрхонын ӕмӕ сӕ уым фынгтыл ӕхца ӕмбырд кӕнын. Кӕм цы ӕгъдау раттын хъӕуы, уый хъуамӕ алкӕмӕн йӕхи бар уа.         19.Ӕнӕгъдаудзинады фӕдыл цӕуынӕй, Ӕгъдау халджытӕн уайдзӕф ма кӕнынӕй, цӕстмӕ митӕ ӕмӕ цӕстмӕ ныхӕстӕй Ӕгъдауӕн цыбыр кӕнӕм йӕ цард. Алкæй хæс дæр у йæ хъахъхъæнын æмæ йæ сыгъдæгæй кæстæртæм дæттын. "АЛАНТЫ НЫХАС"

    Text
    Views172
    Forwards—
    Reactions3
    Comments—

Latest posts

#2998Text
Views48−59%vs avg
Forwards—
Reactions1
Comments—
#2997Photo
Views45−61%vs avg
Forwards—
Reactions1
Comments—
#2995Text

ЗÆДТÆ-ДАУДЖЫТÆ. Фосы Фæлвæра, Уастырджи æмæ Хоры Уацилла Хуыцауæй ракуырдтой: «Нæ кувæг адæмты бæрæг кæнæм». Рацæуынц æртæ барæджы Цæлыччы быдыры, æмæ иу фыййау йæ стыр худимæ æхситтытæ кæны. Уыдон дæр бастонг вæййынц, æмæ рахизынц сæ бæхтæй, æмæ загътой: «Цæй, Хоры Уацилла, ды ныууай дæлæ уыцы фыййаумæ æмæ нын кусæрттаг ракур». Уæд араст ис Хоры Уацилла. Ныццæуы фыййаумæ: «Байриай! Дæ фос бирæ уой!» — «Уæ, æгас цæуай, хорз уазæг!» Стæй куры Хоры Уацилла кусæрттаг. Уæд æй фыййау фæрсы: «Чи дæ? Цавæр дæ?» Уæд Хоры Уацилла загъта йæ ном. Стæй фыййау бадзагъул кодта йæм æмæ йын дзуры: «Æз дæуæн, мæ бар мæхийæ, ницы ратдзынæн, Уымæн æмæ ды зылын лæг дæ: кæмæн бирæ дæттыс, кæй та сыдæй марыс». Уæд Хоры Уацилла æфсармимæ рацыдис. Стæй Фосы Фæлвæра рацыдис æмæ та йын уый дæр загъта: «Байриай, фыййау!» Уæд та уый дæр куырдта кусæрттаг, æмæ та йæ рафарста, чи дæ, зæгъгæ. Уый дæр та йын загъта: «Æз Фосы Фæлвæра дæн». Стæй та йæм фыййау йæ лæдзæг нымæты бынты æрбассыдта, бадзагъул кодта: «Табу дæхицæн, фæлæ мæ бар мæхийæ дын иу фысы хъус дæр нæ ратдзынæн, уымæн æмæ ды раст нæ дæ: кæмæн бирæ фос дæттыс, кæй та мæгуырæй марыс», — æмæ йæм фыййау лæдзæг фæхъил кодта. Уæд уый дæр ралыгъдис афтидæй. Ныр у Уастырджийы рад, æмæ бахудти йæхинымæр æмæ афтæ дзуры: «Сымахæн чи нæ радта, уый мæнæн ницы ратдзæн, фæлæ уæддæр бавзарон». Æрцыдис æмæ загъта: «Байриай, хорз фыййау!» — «Хорз цæрай, уазæг, æгас æрцæуай!» Куры Уастырджи кусæрттаг. Фыййау æй фæрсы: «Чи дæ, цавæр дæ?» — «Æз Уастырджи дæн». Уæд фыййау йæ худ фелвæста æмæ йын бакуывта: «Ай, табу дæхицæн, Уастырджи, Ам дæ нывонд ис мæ фосмæ». Стæй басидтис: «Бура, Бура!» Æмæ йæм бурахъус нæлфыс æрбацыдис. Стæй йæ фæстæ рараст ис сæ бынатмæ, æмæ Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра фефсæрмы сты... Аргæвстой кусарт. Бахордтой. Стæй Уастырджи кусарты стджытæ йæ басылыхъхъы æрбамбырд кодта æмæ сæ сусæгæй фыййауæн радта æмæ йын бацамыдта: «Ацы стджытæ быдыры ныххæлиу кæн, уайаг бæхыл сбад æмæ уым мæнæу бакæн». Уæд фыййау бакодта мæнæу, æмæ тынг хорз задис. Уæд æй Хоры Уацилла базыдта æмæ Фосы Фæлвæрамæ бацыди æмæ йын загъта Уастырджийы хинтæ. Фосы Фæлвæра йын загъта: «Ау, уымæн гæнæн нæ зонæм, цы? Их ыл ауадз». Уæд та Уастырджи дæр æрхæццæ ис фыййаумæ æмæ йын загъта: «Тагъд дæ хуымтæ ауæй кæн». Стæй сæ ауæй кодта иу мæгуыр лæгæн иу галыл. Уалынмæ фæссихор их рацыди, æмæ мæнæу сатæгсау аци. Уæд та Хоры Уацилла загъта Фæлвæрайæн: «Уастырджийы хинтæ». Уæд та йын загъта Фæлвæра: «Ау, æмæ уымæн ницы зоныс? Мæгуыр лæджы хатырæй сæ фæстæмæ æрзайын кæн». Уæд та Уастырджи дæр æрхæццæ фыййаумæ æмæ йын загъта: «Тагъд дæ хуымтæ фæстæмæ райе, кæннод мæгуыр лæг кæуы». Уæд та сæ фæстæмæ райста. Уалынмæ фæссихор хуымтæ сног сты. Фæлæ та Хоры Уацилла дзуры Фæлвæрайæн, æмæ та йын Фæлвæра загъта: «Уæдæ сæ афтæ скæн, æмæ йын уæрдон кæфой йеддæмæ куыннæ кæна». Уæд та Уастырджи фыййауæн загъта: «Хъусыс, додой мын дæ хæдзар кодта, ды уæрдоны иу куырис йеддæмæ куыннæ сæвæрай, афтæ!» Стæй фыййау алы уæрдоны дæр иу куырис æвæрдта æмæ та-иу æй банай кодта, æмæ-иу кæфой мæнæу систа. Афтæмæй фыййауæн фæпайда йæ мæнæу, æмæ алы куырисæй кæфой мæнæу фæиста... Исп. Гæсса [Ерыстыуаты] и Хæчъасс Мамсыраты, г. Дзауджикау, Михайловская ул., 18; зап. С. Ц. Тхостов 16 февраля 1912 г. Машинописная копия хранится в НА СОИГСИ. Ф. Фольклор. П. 93. Д. 129. Л. 5-7.

Open in Telegram
Views66−43%vs avg
Forwards—
Reactions3
Comments—
#2994Video
Views53−54%vs avg
Forwards—
Reactions3
Comments—
#2992Text

Forwarded from ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"

Циндзинады иуӕй-иу домӕнтӕ.         1. Циндзинадмӕ цӕуын хъӕуы ӕмбӕлгӕ хуызы, бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕсы. Ӕрдӕгбӕгънӕгӕй, спортивон дзаумӕтты чи бацӕуы, уыдон ӕфхӕрынц фысымты, худинаг кӕнынц сӕхи ӕмӕ сӕ мыггӕгты.         2. Цины фынг у кувӕн, уаз бынат, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕхи хъуамӕ дара уымӕ гӕсгӕ.         3. Бинонтӕй иу фынгыл иу лӕгӕй фылдӕрӕй бадын не’мбӕлы.         4. Ӕнӕус лӕппуты хистӕртимӕ бадын кӕнын раст нӕу. Худинаг у уыцы фынгыл лӕгтимӕ сывӕллоны бадын кӕнын дӕр.         5. Фыдыфыд, фыд, фыдыфсымӕр, хистӕр ӕфсымӕр цы фынгыл бадой, уым ӕрбадынӕй лӕг ӕгад кӕны уыцы хистӕрты.         6. Нӕлгоймагӕн йӕ чызгимӕ хъазты кафын не’мбӕлы, у худинаг.         7. Искӕй агуывзӕмӕ цӕст дарын, карз нозтӕй тых кӕнын, чи цас ӕмӕ цы нуазы ууыл дзурын сты лӕг ӕфхӕрӕн, ӕнӕгъдау митӕ.         8. Цины фынгыл кӕнӕм кувгӕ, уадзӕм сидтытӕ ӕмӕ гаджидӕуттӕ. Рӕгъытӕ вӕййынц зианы фынгыл.         9. Хуыцаумӕ ӕртӕ хистӕры дӕр хъуамӕ кувой бӕгӕныйӕ. Карз нозтӕй кувын раст нӕу.         10.Хуыцаумӕ, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕм кувӕм лӕугӕйӕ, худаистӕй. Сидтытӕ ӕмӕ гаджидӕуттӕ ис нуазӕн бадгӕйӕ дӕр, хистӕры фӕндмӕ гӕсгӕ.           11.Чындзӕхсӕвы, чызгӕрвысты, куывды хистӕрты раз цы кувинаг ӕртӕ чъирийы ӕвӕрӕм, уыдон хъуамӕ уой конд хӕдзары, сӕрмагондӕй Хуыцауы номыл.         12.Цины фынгыл нӕй зианы ӕгъдӕуттӕ кӕнӕн: рухсаджы рӕгъ уадзӕн, фынгмӕ нозтӕй калгӕйӕ хойраг хӕлар кӕнӕн, лӕугӕйӕ зӕгъыны фӕстӕ бадгӕйӕ нуазӕн.         13.Не’мбӕлы нуазӕн, хай, хӕрӕнгӕрзтӕ галиу къухӕй дӕттын ӕмӕ исын.         14.Фынгыл не’мбӕлы тамако дымын, ӕнӕфсарм ныхас кӕнын.         15.Худинаг у цинмӕ нозтджынӕй бацӕуын, фынгӕй расыгӕй сыстын, дыууӕ хатты фынгыл ӕрбадын.     16.Хистӕры куывдыл, сидтыл, гаджидауыл не’мбӕлы бирӕ дзурын, уымӕй адӕмы раз дзырдарӕхстдзинад ӕвдисын.         17.Не’мбӕлы цины искӕмӕ цӕхгӕр дзурын, хыл кӕнын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын.         18.Бинонтӕн худинаг у адӕмы куывдмӕ ӕрхонын ӕмӕ сӕ уым фынгтыл ӕхца ӕмбырд кӕнын. Кӕм цы ӕгъдау раттын хъӕуы, уый хъуамӕ алкӕмӕн йӕхи бар уа.         19.Ӕнӕгъдаудзинады фӕдыл цӕуынӕй, Ӕгъдау халджытӕн уайдзӕф ма кӕнынӕй, цӕстмӕ митӕ ӕмӕ цӕстмӕ ныхӕстӕй Ӕгъдауӕн цыбыр кӕнӕм йӕ цард. Алкæй хæс дæр у йæ хъахъхъæнын æмæ йæ сыгъдæгæй кæстæртæм дæттын. "АЛАНТЫ НЫХАС"

Open in Telegram
Views172+48%vs avg
Forwards—
Reactions3
Comments—
#2990Photo
Views208+79%vs avg
Forwards—
Reactions4
Comments—
#2989Photo

Forwarded from Булæмæргъ [Соловей] • Литература • Искусство • Культура

Перед нами редкое издание «Narty Kaddžytæ» («Сказания о нартах»), выпущенное в 1929 году Юго-Осетинским научно-исследовательским институтом краеведения. Это первый том собрания югоосетинского народного творчества. Предисловие и примечания подготовил Александр Тибилов — известный осетинский просветитель, литературовед и общественный деятель. Тибилов стоял у истоков высшего образования в Южной Осетии, был одним из основателей литературного журнала «Фидиуæг», внёс значительный вклад в развитие осетинского языка и науки. Сегодня его имя носит Юго-Осетинский государственный университет. Особую историческую ценность представляет само издание, в котором нартские сказания напечатаны латиницей. На его страницах можно увидеть, как почти столетие назад записывали и публиковали произведения народного эпоса, какие буквенные обозначения использовали для передачи осетинской речи. Латинский алфавит, введённый в 1923 году, стал важным этапом развития осетинской письменности. Однако книги того периода сегодня интересны не только особенностями алфавита, но и как памятники издательской и научной деятельности своего времени.

Open in Telegram
Views165+42%vs avg
Forwards—
Reactions7
Comments—

All posts

Connections