ЗÆДТÆ-ДАУДЖЫТÆ.
Фосы Фæлвæра, Уастырджи æмæ Хоры Уацилла Хуыцауæй ракуырдтой: «Нæ кувæг адæмты бæрæг кæнæм». Рацæуынц æртæ барæджы Цæлыччы быдыры, æмæ иу фыййау йæ стыр худимæ æхситтытæ кæны.
Уыдон дæр бастонг вæййынц, æмæ рахизынц сæ бæхтæй, æмæ загътой: «Цæй, Хоры Уацилла, ды ныууай дæлæ уыцы фыййаумæ æмæ нын кусæрттаг ракур». Уæд араст ис Хоры Уацилла. Ныццæуы фыййаумæ: «Байриай! Дæ фос бирæ уой!» — «Уæ, æгас цæуай, хорз уазæг!» Стæй куры Хоры Уацилла кусæрттаг. Уæд æй фыййау фæрсы: «Чи дæ? Цавæр дæ?» Уæд Хоры Уацилла загъта йæ ном. Стæй фыййау бадзагъул кодта йæм æмæ йын дзуры: «Æз дæуæн, мæ бар мæхийæ, ницы ратдзынæн, Уымæн æмæ ды зылын лæг дæ: кæмæн бирæ дæттыс, кæй та сыдæй марыс». Уæд Хоры Уацилла æфсармимæ рацыдис. Стæй Фосы Фæлвæра рацыдис æмæ та йын уый дæр загъта: «Байриай, фыййау!» Уæд та уый дæр куырдта кусæрттаг, æмæ та йæ рафарста, чи дæ, зæгъгæ. Уый дæр та йын загъта: «Æз Фосы Фæлвæра дæн». Стæй та йæм фыййау йæ лæдзæг нымæты бынты æрбассыдта, бадзагъул кодта: «Табу дæхицæн, фæлæ мæ бар мæхийæ дын иу фысы хъус дæр нæ ратдзынæн, уымæн æмæ ды раст нæ дæ: кæмæн бирæ фос дæттыс, кæй та мæгуырæй марыс», — æмæ йæм фыййау лæдзæг фæхъил кодта. Уæд уый дæр ралыгъдис афтидæй. Ныр у Уастырджийы рад, æмæ бахудти йæхинымæр æмæ афтæ дзуры: «Сымахæн чи нæ радта, уый мæнæн ницы ратдзæн, фæлæ уæддæр бавзарон». Æрцыдис æмæ загъта: «Байриай, хорз фыййау!» — «Хорз цæрай, уазæг, æгас æрцæуай!» Куры Уастырджи кусæрттаг. Фыййау æй фæрсы: «Чи дæ, цавæр дæ?» — «Æз Уастырджи дæн». Уæд фыййау йæ худ фелвæста æмæ йын бакуывта: «Ай, табу дæхицæн, Уастырджи, Ам дæ нывонд ис мæ фосмæ». Стæй басидтис: «Бура, Бура!» Æмæ йæм бурахъус нæлфыс æрбацыдис. Стæй йæ фæстæ рараст ис сæ бынатмæ, æмæ Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра фефсæрмы сты... Аргæвстой кусарт. Бахордтой. Стæй Уастырджи кусарты стджытæ йæ басылыхъхъы æрбамбырд кодта æмæ сæ сусæгæй фыййауæн радта æмæ йын бацамыдта: «Ацы стджытæ быдыры ныххæлиу кæн, уайаг бæхыл сбад æмæ уым мæнæу бакæн». Уæд фыййау бакодта мæнæу, æмæ тынг хорз задис. Уæд æй Хоры Уацилла базыдта æмæ Фосы Фæлвæрамæ бацыди æмæ йын загъта Уастырджийы хинтæ. Фосы Фæлвæра йын загъта: «Ау, уымæн гæнæн нæ зонæм, цы? Их ыл ауадз». Уæд та Уастырджи дæр æрхæццæ ис фыййаумæ æмæ йын загъта: «Тагъд дæ хуымтæ ауæй кæн». Стæй сæ ауæй кодта иу мæгуыр лæгæн иу галыл. Уалынмæ фæссихор их рацыди, æмæ мæнæу сатæгсау аци. Уæд та Хоры Уацилла загъта Фæлвæрайæн: «Уастырджийы хинтæ». Уæд та йын загъта Фæлвæра: «Ау, æмæ уымæн ницы зоныс? Мæгуыр лæджы хатырæй сæ фæстæмæ æрзайын кæн». Уæд та Уастырджи дæр æрхæццæ фыййаумæ æмæ йын загъта: «Тагъд дæ хуымтæ фæстæмæ райе, кæннод мæгуыр лæг кæуы». Уæд та сæ фæстæмæ райста. Уалынмæ фæссихор хуымтæ сног сты. Фæлæ та Хоры Уацилла дзуры Фæлвæрайæн, æмæ та йын Фæлвæра загъта: «Уæдæ сæ афтæ скæн, æмæ йын уæрдон кæфой йеддæмæ куыннæ кæна». Уæд та Уастырджи фыййауæн загъта: «Хъусыс, додой мын дæ хæдзар кодта, ды уæрдоны иу куырис йеддæмæ куыннæ сæвæрай, афтæ!» Стæй фыййау алы уæрдоны дæр иу куырис æвæрдта æмæ та-иу æй банай кодта, æмæ-иу кæфой мæнæу систа. Афтæмæй фыййауæн фæпайда йæ мæнæу, æмæ алы куырисæй кæфой мæнæу фæиста...
Исп. Гæсса [Ерыстыуаты] и Хæчъасс Мамсыраты, г. Дзауджикау, Михайловская ул., 18; зап. С. Ц. Тхостов 16 февраля 1912 г. Машинописная копия хранится в НА СОИГСИ. Ф. Фольклор. П. 93. Д. 129. Л. 5-7.